Дзӕуджыхъӕуы сабидӕтты фӕфылдӕр кодтой ныййарджыты фиддонтӕ

© Sputnik / Ада БагианДень матери
День матери - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕр Дзӕуджыхъӕуы сабидӕттӕм ныййарджыты ӕрвылмӕйон фиддонтӕ уыдысты 1150 сомы.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы сабидӕтты фӕфылдӕр кодтой ныййарджыты ӕрвылмӕйон фиддонтӕ 1350 сомы онг, хъусын кӕны майрӕмбоны 15 регион бынӕттон хӕдразамынады администрацийы хистӕры хӕдивӕг Гозымты Романы ныхӕстӕ.

Ныййарджыты фиддонтӕ ма фӕфылдӕр сты апрелы дӕр — уӕд уыдон 990 сомӕй схызтысты 1150 соммӕ.

Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты хӕдзарӕн балӕвар кодтой зӕххы фадыг

"Ныййарджыты фиддонты хъуамӕ схӕцыдаиккой ацы азы фыццаг кварталы, фӕлӕ уӕд нӕ бон бацис ссарын ӕхцайы фӕрӕзтӕ бюджеты мидӕг. Горӕт фӕстаг уысмы онг архайдта фиддонтӕ ма фӕфылдӕр кӕныныл, фӕлӕ ӕндӕр гӕнӕн нал уыд хӕлцадон продуктты аргъ ӕдзухдӕр кӕй хизы, уый тыххӕй", — загъта Гозымты Роман.

Уый ма банысан кодта, горӕты скъолаагъоммӕ уагдӕтты кӕй ис тынг бирӕ сабитӕ.

"Ныртӕккӕ нӕм ис 16 мин сывӕллоны, уый бӕрц та сабидӕтты тынг рагӕй нал уыд", — загъта уый.

Дзӕуджыхъӕу уыд фӕстаг район республикӕйы, цырад ныййарджыты фиддонтӕ уыдысты 1150 сомы. Цӕгат Ирыстоны сабидӕтты фиддонты иууыл стырдӕр бӕрц у 1450 сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0