Уӕрӕсейы УУМ ӔХӔО-имӕ бацӕттӕ кӕндзӕн специалистты Хуссар Ирӕн

© Пресс-служба МЧС РЮОЗанятия пожарных МЧС РЮО
Занятия пожарных МЧС РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы УУМ раздӕр дӕр арӕх ӕххуыс кодта Хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн, уый нымӕцы Ӕмбӕстагадон хъахъхъӕнынады ӕхсӕнадӕмон организацийы хаххыл.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы УУМ Ӕмбӕстагадон хъахъхъӕнынады ӕхсӕнадӕмон организацииимӕ (ӔХӔО) иумӕ ацы аз бацӕттӕ кӕндзӕн специалистты фондз бӕстӕйӕ, уый нымӕцы Хуссар Ирыстонӕй, хъусын кӕны министрады пресс-службӕ, 1 марты Ӕмбӕстагадон хъахъхъӕнынады дунейон бон нысан кӕй цӕуы, уый фӕдыл.

"2017 азы, ӕхсӕнадӕмон райрӕзтӕн ахъаз кӕныны проектты фӕлгӕтты нывӕзты ис Тунис, Иордани, Камерун, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон ведомствӕты специалистты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсыты ауагъд профилон фӕдыздӕхтты", — хъусын кӕны РИА Новости ведомствӕйы минӕвары ныхӕстӕ.

Фарон, ӕхсӕнадӕмон райрӕзтӕн ахъаз кӕныны проектты фӕлгӕтты Уӕрӕсейы УУМ ӔХӔО-иимӕ иумӕ сахуыр кодтой Серби, Сомихстон, Тунис, Иордани, Камерун, Кубӕ, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты минӕвӕртты.

Мчс подписание - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лидер"-ы хистӕр радта Хуссар Иры минӕтӕй ссыгъдӕггонд территоритӕ

ӔХӔО-йы хаххыл Уӕрӕсейы УУМ раздӕр дӕр арӕх ӕххуыс кодта Хуссар Ирыстоны УУМ-ӕн. Хуссар Ирыстооны зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хӕйттӕ ацы ӕххуысы фӕлгӕтты ифтонг ӕрцыдысты сӕрмагонд ифтонггарзӕй УУМ-ы зынгхуыссынгӕнджыты, ирвӕзынгӕнджыты, пиротехникты ӕнӕаипп куыстӕн.

ӔХӔО — иунӕг ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнхицауадон организаци, кӕцы архайы ӕмбӕстагадон хъахъхъӕнынад ӕмӕ цӕрджыты хъахъхъӕнынады къабазы ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзадыл. Йе сконды сты 58 паддзахады (Уӕрӕсейимӕ иумӕ) ӕххӕстбарджын уӕнгты хуызы ӕмӕ 16 бӕстӕ-цӕстдарӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0