Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Иры таможнӕты минӕвӕрттӕ ӕруынаффӕ кодтой уӕргъты ӕрбаластыл

© Sputnik / Диана КозаеваСовещание таможенников в Цхинвале
Совещание таможенников в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейӕ хӕлцы продукттӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрбаласыны рӕстӕджы цӕмӕй мацы проблемӕтӕ ӕвзӕра, уый тыххӕй хуссарирыстойнаг хицауад ӕмӕ амалиуӕггӕнджыты хъӕуы бакусын уӕргъты ӕввонгады фарстыл бакусын.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнӕйон комитеты ӕмӕ Уӕрӕсейы федералон таможнӕйон службӕйы минӕвӕрттӕ ауагътой Цхинвалы семинар-ӕмбырд, дзырд цыд проблемӕтыл, кӕцытӕ сӕвзӕрынц хуссарирыстойнаг амалиуӕггӕнджытӕн хӕлцы продукци ӕрбаласыны рӕстӕджы цӕгатирыстойнаг таможнӕйон пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" уылты.

Яблоки Сатикар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ райынц сӕ тыллӕгыл

Ахӕм проблемӕтӕ хуссарирыстойнаг амалиуӕггӕнджытӕ ӕвзарынц ӕрвылаз дӕр. Уӕрӕсейаг базӕртты цы хӕлцы продукттӕ ӕлхӕд цӕуынц, уыдонӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документаци кӕй нӕ вӕййы, уый тыххӕй-иу таможнӕйы кусджытӕ нӕ фӕуадзынц машинӕтӕ уӕргътимӕ. Ацы фарст ногӕй фӕзын цалдӕр боны размӕ, амалиуӕггӕнджытӕ цалдӕр боны ӕнхъӕлмӕ кастысты, кӕд сын ратдзысты бар сӕ уӕргътӕ раласын, республикӕйы хицауад та ацы хатт дӕр рӕстӕгмӕ райхӕлдта ацы проблемӕ.

Цӕгатирыстойнаг таможнӕйон управленийы къухдариуӕггӕнӕджы фыццаг хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Троцкойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыппар азы мидӕг ацы фарсты фӕдыл уагъд ӕрцыд цыппар ӕхсӕнадӕмон ӕмбырды, "фӕлӕ алцӕмӕн афтӕ тагъд аскъуыддзаггӕнӕн нӕй, мах куыд фӕнды".

"Проблемӕйы райхӕлд ис уӕлцъарыл — уӕргъты ӕввонгады консолидаци. Ацы уӕргътӕ чи ласы, уыдон шофыртыл уый никуыд бандавдзӕн. Ис уӕргътӕн баиу кӕныны фадат ахӕм хуызы, цӕмӕй сын ӕнцонӕй уа деклараци райсын ӕмӕ куыд къаддӕр номенклатурӕ ӕвдыст цӕуа декларацийы", — банхъардта Троцко.

ФТС-йы минӕвар бамбарын кодта, практикӕйы уый кӕй у афтӕ: УФ-йы территорийыл арӕзт цӕуы иууыл къаддӕрӕй иу юридикон цӕсгом, кӕцы кусдзӕн консолидацийыл, ома организаци кӕндзӕн продуктты оптон ӕввонгад. Уый банысан кодта, ныртӕккӕ амалиуӕггӕнджытӕ кӕй ацӕуынц уӕрӕсейаг базӕрттӕм, ӕмӕ балхӕнынц базайраг чысыл нымӕцы, фӕлӕ уӕрӕх ассортименты, "мах ӕнхъарӕм ацы ассортимент ныууадзын, фӕлӕ йын йӕ нымӕцы консолидаци саразын".

Уӕрӕсейы таможнæ бакæндзæн алыварсон æххуыс баластимæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынӕни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы таможнæ бакæндзæн алыварсон æххуыс баластимæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынӕн

ФТС минӕвар фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны таможнӕйон комитет кӕй бахатыд ФТС-мӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын тыххӕй мадзӕлтты нывӕзтыл бакусын, "уый фӕзындзӕн, мах ӕй ӕрӕмдзых кӕндзыстӕм ӕмӕ райдайдзыстӕм реализаци кӕнын".

Уымӕй дарддӕр, Троцкойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы куысты ӕнӕмӕнг у республикӕйы Базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы, афтӕ Хуссар Ирыстоны кӕцыдӕр министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты хайадист.

Хуссар Ирыстоны ПТК сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, раразмӕгонд вариант у иунӕг рахызт уавӕрӕй, фӕстӕдӕр алы амалиуӕггӕнӕг дӕр хъуамӕ деклараци кӕна йӕ базайрӕгтӕ.

Хъӕууон-хӕдзарадон продукттӕ ласыны тыххӕй та Троцко банысан кодта, кӕй ис арӕнӕвӕрд хуыты африкӕйаг йемынӕйы тасы тыххӕй, фӕлӕ уый у рӕстӕгмӕ фӕзынд. Тобӕ ма хауы харбызты ӕмӕ цъӕх культурӕты уидагдыргъты ӕрбаластмӕ, йемынӕ цырынгӕнджыты ӕрбаласыны тас бӕрзон кӕй у, уый тыххӕй. Аннӕ хъӕууонхӕдзарадон продукцийы ӕрбаластыл ницы тобӕ ӕмӕ арӕнӕвӕрд ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0