Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе бакусдзысты 2018-2019 азтӕн Инвестпрограммӕйыл

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвальские улицы
Цхинвальские улицы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕнхъары ног Инвестпрограммӕмӕ бахӕссын фӕндӕгтӕ, сабидӕттӕ, психиатрикон рынчындоны арӕзтад, афтӕ ма хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон куыстуӕтты райрӕзты фӕдыл фӕрӕзтӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Фӕндӕгты, цӕрӕнуат ӕмӕ ахуырадон уагдӕтты арӕзтад хъуамӕ хаст ӕрцӕуа 2018-2019 азтӕн Инвестпрограммӕмӕ. Президент Тыбылты Леонид ӕруынаффӕ кодта хицауады сӕрдар ӕмӕ арӕзтады министримӕ ног программӕйы бындурон пункттыл, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Ацы аз Хуссар Ирыстон балхынцъ кӕндзӕн ӕртӕазон инвестпрограммӕйы реализаци, цӕй фӕдыл уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцыд фараст милиард сомӕй фылдӕр.

"Ацы бонты Мӕскуыйы хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕ иумӕ бакусдзысты ног Инвестицион программӕйыл. Уырдӕм хъуамӕ бацӕуой, абоны бон республикӕйӕн иууыл ахсджиагдӕр цы фӕдыздӕхттӕ сты, уыдон", — загъта Тыбылты Леонид.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ адарддӕр уа столицӕйы уынгты хӕрзарӕзтад, иуварс ӕрцӕуой донифтонгадимӕ проблемӕтӕ Цхинвалы районы Уанаты хъӕуӕй фӕстауӕрцон доны хӕтӕлы арӕзтады фӕрцы.

Уымӕй дарддӕр ма, банысан кодта Тыбылты Леонид, нывӕзты ис сӕйраг доныхӕтӕл Едыс — Цхинвалы реконструкци, горӕт Къуайсайы доны хӕтӕлты реконструкци, афтӕ ма дӕлзӕхх коммуникациты раивд ӕмӕ уынгты хӕрзарӕзтад.

Первый снег в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Инвестпрограммӕ, уынгтыл афӕлгӕст

"Къуайсайы ӕддаг бакаст хъуамӕ уа ӕмбӕлон горӕты статусӕн", — бахахх кодта президент.

Уый банысан кодта, кӕй хъӕуы балхынцъ кӕнын Гуфта — Къуайсайы фӕндаджы арӕзтад, куыстыты иу хай ӕххӕст ӕрцыд раздӕр ӕзты, баззайгӕ куыстыты гуырахст ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы бахӕссын ног программӕмӕ. Уырдӕм ма хаст ӕрцӕудзӕн ног арӕнгӕрон фӕндаджы арӕзтад Громы хъӕуӕй Цъинагармӕ.

"Хъӕуы ӕрӕвӕрын фарст инвестпрограммӕмӕ бахӕссын 2008 азы горӕты ӕмӕ районты цы хӕдзӕрттӕ ныппырх сты, уыдоны сӕндидзын ӕмӕ ма ног цӕрӕнуаты арӕзтад дӕр", — загъта Тыбылты Леонид.

Президент ма банысан кодта, кӕй ма хъӕууы ссарын фӕрӕзтӕ бастдзинады модернизацийӕн, Цхинвалы 2-аг музыкалон скъолайы реконструкцийӕн, Цхинвалы дыууӕ сабидоны сӕндидзын кӕнынӕн, кӕцытӕ ныппырх сты гуырдзиаг агрессийы фӕстиуӕгӕн, Леуахийы донбылгӕрон централон парчы хӕрзарӕзтадӕн, афтӕ ма психиатрикон рынчындоны арӕзтадӕн.

"Мах хизӕм райрӕзты этапмӕ, уымӕ гӕсгӕ ног программӕйы уӕлдай хъусдард аздахын хъӕуы хъӕууон хӕдзарады райрӕзты ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон уагдӕтты проекттӕм. Уый нын фадат ратдзӕн канд экономикӕ сӕндидзын кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ ма цӕрджыты сифтонг кӕндзӕн ног куысты бынӕттӕй дӕр", — загъта президент.

Уыимӕ иумӕ, бахахх кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг, приоритетон хъуамӕ суой проекттӕ, кӕцытӕ рагхыгъд кӕнынц бынӕттой ресурстӕ ӕмӕ хомӕгтӕй пайдакӕнынад.

Ног хабӕртты лентӕ
0