Афӕдздзыд сабийы над бахауд прокуратурӕйы хъусдарды бын

© Flickr / akamarpreetГлаза ребенка
Глаза ребенка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабийы ӕгъатыр над камерӕмæ бинонты ахастытæ ракодта барадон фадыгмæ. Ныййарæджы барты байсыныл нырма ныхас нæ цæуы, фæлæ мад бахауд прокуратурæ æмæ сывӕллоны барты фæдыл органты хъусдарды бын

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Цхинвалы цæрджыты хсæн фæстаг къуыри социалон хызæгты руаджы апарахат ис видео, цы ран горӕты цӕрӕг сылгоймаг ӕгъатыр над кӕны йе ‘нахъом сабийы. Цау расайдта ӕхсӕнадон резонанс.

Слестгӕнӕн органты хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы саби фӕхуыдуг нозтджын мады аххосӕй

Хуссар Ирыстоны æнахъом сабимæ мады ӕрдыгӕй ахӕм ахастыл æхсæнад сæмбæлд фыццаг хатт. Ӕрдæгминутон видеойы кадрты сабийы, кæцыйыл йæ хуызмæ гæсгæ цæуы афӕдзӕй чысыл фылдæр, 6 хатты ныдздзæхст кодта мад. Дырысӕй дзы хъуысынц сылгомаджы уайдзæфтæ æмæ æфхæрæн ныхæстæ.

Сабийы нæмыны кадртæ мыхуыр кӕд æрцыдысты фарон сæрды, уӕд, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, парахат та аисты нырма йеныр.

Уавæр бакодта йæ хъусдарды бын сабийы барты фæдыл æххæстбарджын. Сабион омбудсмен Козаты Гульнара радзырдта Sputnik, зӕгъгӕ, куыддæр видеокадртæ сæ къухмæ æрбахаудтой, афтæ ныффыстой куырдиат Цхинвалы прокуратурæмæ.

"Ивгъуыд къуыри федтон видеокадртæ. Куыд рабӕрæг, афтӕмæй социалон хызæджы видео равæрдта сабийæн йæ фыд. Мах аныхас кодтам мадимæ æмæ йын бамбарын кодтам ахæм архӕйдтыты фæстиуджытæ. Уый йæ рæдыд бамбæрста", — радзырдта Sputnik сабион омбудсмен Козаты Гульнара.

Уый ма банысан кодта, саби кæй хъомыл кæны хорз уавæрты, æнæнхъусдард æмæ уарзтцух нæу.

Цхинвалы республикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сабидоны цы дыууӕаздзыд сывӕллоны фӕнадтой, уый уавӕр февзӕрдӕр

"Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, ацы уавæр ныр ис мах карз контролы бын, уавæрмæ раздахдзыстæм æнахъомты фæдыл инспекцийы хъусдард дæр. Прокуратурæйæ дзуапп нæма райстам, фæлæ сылгоймагæн йæ ныййарæджы бартæ байсыныл нырма ныхас нæ цæуы", — бафтыдта йæ ныхæстæм омбудсмен.

Прокуратурæйы пресс-службæйы Sputnik загътой, цауы фæдыл ныридæгæн кӕй цæуы слестагъоммæ басгæрст, уый фæстæ скъуыддзаг цæудзæн уголовон хъуыддаг бакæнын фарст.

"Горæты прокуратурæ уадзы сгарæнагъоммæ куыст чысыл сабийы фӕнӕмыны фӕдыл. Басгæрсты фæситуджытæм гæсгæ прокуратурæ рахæсдзæн процессуалон фæндон УФ УПК статьятæ 144-145 гæсгæ", — загътой уагдоны пресс-службæйы.

Ныридæгæн видеоролик ист æрцыд цалдӕр социалон хызæгæй, фæлæ уӕддӕр парахат цæуы дарддæр "WhatsApp"-ы руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0