Хуссар Ирыстоны майы бæрæгбонты баулæфдзысты æртæ боны

© Sputnik / Ада БагианВ Цхинвале прошел парад победы
В Цхинвале прошел парад победы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улæфгæ бонтыл нымад цæуынц æртæ кусгæ боны – къуырисæр 1 май, уымæй дарддæр ма 9 æмæ 10 май - дыццæг æмæ æртыццæг.

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Фæллой æмæ уалдзæджы бæрæгбон æмæ Стыр Уæлахизы боны цытæн Хуссар Ирыстоны æртæ бон расидт æрцыдысты улæфт бонтæй, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

1 æмæ 9 майы Хуссар Ирыстоны банысан кæндзысты уалдзæг æмæ фæллойы æхсæнадæмон бон æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бон. Трацицимæ гæсгæ республикæйы ацæудзысты мысæн æмæ бæрæгбонон мадзæлттæ.

"Бæрæгбонон бонты æмæ зæрдылдарæн датæты къæлиндармæ гæсгæ, 1 май, куыд уалдзæг æмæ фæллойы æхсæнадæмон бон, афтæ расидт æрцыд улæфт бонæй. Дыккаг бæрæгбæтты номыхыгъды цæуы Стыр Уæлахизы бон, уый цытæн бюджетон фадыджы куысджытæ улæфдзысты дыууæ боны фæд-фæдыл, 9 æмæ 10 майы", — загътой пресс-службæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0