Бибылты Анатолий: Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ фæсивæдæй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта фæсивæдæн йæ бæрæгбоны цытæн

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Фæсивæды бон у иууыл ирддæр æмæ нысаниуæгджындæр бон Хуссар Ирыстоны бæрæгбæтты æмæ зæрдылдарæн датæты къæлиндары, банысан кодта республикæйы президент Бибылты Анатолий йæ арфæйы телы æрыгон адæммæ сæ бæрæгбоны цытæн.

"Историкон хъысмæт афтæ рауад æмæ Хуссар Ирыстоны уæ размæ фæсивæды бахъуыд хæцæнгарзимæ бахъахъхъæнын сæрибар цард сæ фыдæлты зæххыл. Ӕнæдызæрдыг дæн, сымах кæй нæ рох кæнут уе 'мбæйтты, кæцытæ сæ удтæй бахъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, радтой сæ цард уæ рæсугъд фидæны тыххæй. Фыдыбæстæйы æрыгон хъахъхъæнджыты нæмттæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты хуссайраг ирæтты хъайтарон азфысты", — дзырдæуы арфæйы телы.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, фидæн ис республикæйы фæсивæды къухты æмæ уый ныридæгæн исы хайад политикон æмæ социалон-экономикон фарстыты скъуыддзаг кæныны.

"Адæм сты сæрыстыр уе ′нтыстытæй материалон кондады, зонады, культурæйы, аивады, спорты, æфсæддон æмæ паддзахадон службæйы. Сымах — разæнгардгæнæг æмæ размæцæуæг тых, кæцы среализаци кæндзæн нæ бæстæйы фæтагъдæрггонд размæцыд æмæ дарддæры дидинæфтыды перспективæтæ", — банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, æрыгон адæм алыхатдæр кæй ссардзысты æмбарынад республикæйы къухдариугадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0