Багаты Алан ссис дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Рафыссын
Ирон богалтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ӕрыгӕтты хсӕн дунейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Афинты

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Ирон спортсмен Багаты Алан ссис дунейы чемпион ӕрыгӕтты хсӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Ossetia News.

"Ирон богал 85 кг уӕзы категорийы ныфсджынӕй бацыд финалмӕ, цы ран рамбылдта сыгъзӕрин майдан фидар ныхмӕлӕуды. Финалон тох ахицӕн 1-1 хыгъдӕй, Аланӕн уӕлахиз радтӕуыд йӕ фӕстаг техникон архайд хынцгӕйӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Дунейы чемпионы ӕвзист призер та 76 кг онг категорийы ссис Хостыхъоты Арсӕмӕг, кӕцы фембылд йӕ ныхмӕлӕууӕгӕн Америкӕйӕ.

Уымӕй дарддӕр ма бронзӕйон майданы хицау бацис ноджы иу ирыстойнаг спортсмен – Будайты Сосланбег.

Дунейы фыццагад Грецийы уагъд цӕуы ног схемӕмӕ гӕсгӕ – иу уӕзы категорийы спортсменты ныхмӕлӕудтӕ раздӕрау иу бон нал цӕуынц, фӕлӕ дыууӕ боны. Алы тохы размӕ дӕр богалтӕ рацӕуынц сбарыны процедурӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0