Хуссар Иры генпрокуратурæ сгары медуагдæтты хосты цухдзинады тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры генпрокуратурæ сгары медуагдæтты хосты цухдзинады тыххæй
Хуссар Иры генпрокуратурæ сгары медуагдæтты хосты цухдзинады тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта прокуратурайæн ауадзын басгæрст медицинон уагдæтты хосты цъухдзинады тыххæй

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратура президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ бавнæлдта хосгæнæн уагдæтты сгарын, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйæ.

"Сгарæн къордтæ бавнæлдтой хосгæнæн уагдæтты документациты исын. Фæдысгарджытæ бæрæг кæнынц 2016 азæй 2019 азмæ хосгæнæн уагдæтты медикаменты æлхæныны хæрдзтæ", - загъдтой уагдоны.

Генпрокурæтурæйы кусджытæ хъуамæ басгарой медикаменты складтæ, паддзахадон афтектæ, республикон хосгæнæнæндæттæ, поликлиникатæ, афтæ ма базоной хостæ чи ласы, æмæ сбæрæг кæнын медикаментæ чи ласы æмæ сын сæ бадзырдтæ басгарын.

Афтиаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъусдард хъæутæм: Хуссар Иры фæфылдæр кæндзысты хостæ æлхæныны фæрæзтæ

"Медикаментæ финасон фæрæзты гуырахст кæй фæфылдæр ис уымæ æнæкæсгæйæ хостæ нæ фаг кæнынц. Сгарджытæ фыццаг рады сбæлвырд кæндзысты 2019 азы куыд хардз цыдысты фæрæзтæ уый æмткæй та басгæрст цæудзæн 2016 азы рæстæг", - бамбарын кодтой генпрокуратурæйы.

Ӕртыццæджы фæдысгæрджыты къорд бавнæлдта медикамненты склад сгарынмæ.

Сгарæн куысты рæстæджы слесгæнæн къордтæн æххуыс кæндзысты МХМ-йы, таможнæйы управлении æмæ хъалонты службæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0