https://sputnik-ossetia.com/20230311/48-khuy-nykhas-21837455.html
48. ХЪÆУЫ НЫХАС
48. ХЪÆУЫ НЫХАС
Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæринæйы куы бавæрдтой, уымæн йæ дыккаг бон хъæуы бæрæг астæу, рагон хæлд мæсыджы бын Ныхасмæ æрæмбырд сты æгас хъæубæстæ нæлгоймагæй-сылгоймагæй. Нæ уыд... 11.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-11T11:48+0300
2023-03-11T11:48+0300
2023-03-11T11:48+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/09/21837301_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_ff396d33f25ed280534d159c21dfd3b5.png
48. ХЪÆУЫ НЫХАС
Sputnik Хуссар Ирыстон
48. ХЪÆУЫ НЫХАС
Зæринæйы куы бавæрдтой, уымæн йæ дыккаг бон хъæуы бæрæг астæу, рагон хæлд мæсыджы бын Ныхасмæ æрæмбырд сты æгас хъæубæстæ нæлгоймагæй-сылгоймагæй. Нæ уыд ныхасы Солым, рынчын у, зæгъгæ, загъта фидиуæг, фæлæ йæм Дзакко дыккаг хатт арвыста æмæ уæд уый дæр æрцыди. Сылгоймæгтæ Ныхасмæ никуы цыдысты, фæлæ-иу хъæуы искæд стыр хабар куы ’рцыди, сылгоймæгты бафæрсын æмæ уыдон уынаффæ базоныны сæр-иу æнæмæнг куы хъуыди, уæд-иу сæм сæрмагондæй хистæртæ арвыстой.Абон цы хъуыддаджы тыххæй тæрхон кæнынц, уый та æгас хъæубæстæй иумæ скъуыддзаггæнгæ кæй у, уымæ гæсгæ Дзакко æрхуыдта се ’ппæты дæр. Ныхасы ихсыд дуртыл рабадтысты хъæуы зæронддæр лæгтæ куыд хистæрæй. Хъæубæстæй æдде ничиуал ис, зæгъгæ, куы фехъусын кодтой Дзаккойæн, уæд растад, адæмыл йæ цæст ахаста æмæ райдыдта:— Нæ хорз хъæубæстæ, зонут æй, цы тæригъæддаджы хъуыддаджы фæдыл æртымбыл стæм абон. Ацы Ныхасы рагæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ скъуыддзаг кодтой иууыл зындæр æмæ вазыгджындæр хъуыддæгтæ. Сыгъдæг æмæ намысы бынат у ацы уынаффæдон. Ам, Ныхасы, нæ хъæубæстæй алчидæр æмсæр-æмбар у, алкæмæн дæр бынат ис йæ уынаффæйæн. Алкæй уынаффæйы сæр та нæ абон æнæмæнг хъæуы. Æрцыд ныл стыр уæззау хабар. Æрцыд æддагон адæймаджы аххосæй нæ — нæхи хъæубæстæй кæйдæр аххосæй. Ныккалдис туг. Æмæ мах абон туджджыны нæ агурæм. Хъуамæ базонæм — тугныккалдæн йæ аххосаг чи уыд.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/09/21837301_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_cdbbb32c45a0aa42bb7871fff0c6d920.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Зæринæйы куы бавæрдтой, уымæн йæ дыккаг бон хъæуы бæрæг астæу, рагон хæлд мæсыджы бын Ныхасмæ æрæмбырд сты æгас хъæубæстæ нæлгоймагæй-сылгоймагæй. Нæ уыд ныхасы Солым, рынчын у, зæгъгæ, загъта фидиуæг, фæлæ йæм Дзакко дыккаг хатт арвыста æмæ уæд уый дæр æрцыди. Сылгоймæгтæ Ныхасмæ никуы цыдысты, фæлæ-иу хъæуы искæд стыр хабар куы ’рцыди, сылгоймæгты бафæрсын æмæ уыдон уынаффæ базоныны сæр-иу æнæмæнг куы хъуыди, уæд-иу сæм сæрмагондæй хистæртæ арвыстой.
Абон цы хъуыддаджы тыххæй тæрхон кæнынц, уый та æгас хъæубæстæй иумæ скъуыддзаггæнгæ кæй у, уымæ гæсгæ Дзакко æрхуыдта се ’ппæты дæр. Ныхасы ихсыд дуртыл рабадтысты хъæуы зæронддæр лæгтæ куыд хистæрæй. Хъæубæстæй æдде ничиуал ис, зæгъгæ, куы фехъусын кодтой Дзаккойæн, уæд растад, адæмыл йæ цæст ахаста æмæ райдыдта:
— Нæ хорз хъæубæстæ, зонут æй, цы тæригъæддаджы хъуыддаджы фæдыл æртымбыл стæм абон. Ацы Ныхасы рагæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ скъуыддзаг кодтой иууыл зындæр æмæ вазыгджындæр хъуыддæгтæ. Сыгъдæг æмæ намысы бынат у ацы уынаффæдон. Ам, Ныхасы, нæ хъæубæстæй алчидæр æмсæр-æмбар у, алкæмæн дæр бынат ис йæ уынаффæйæн. Алкæй уынаффæйы сæр та нæ абон æнæмæнг хъæуы. Æрцыд ныл стыр уæззау хабар. Æрцыд æддагон адæймаджы аххосæй нæ — нæхи хъæубæстæй кæйдæр аххосæй. Ныккалдис туг. Æмæ мах абон туджджыны нæ агурæм. Хъуамæ базонæм — тугныккалдæн йæ аххосаг чи уыд.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.