Хуссар Иры театры сценӕмӕ раздӕхтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди

© Пресс-служба ГДТХуссар Иры театры сценӕмӕ раздӕхтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди
Хуссар Иры театры сценӕмӕ раздӕхтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл сног кодтой пьесӕ "Ныййарӕджы кадӕг"-мӕ гӕсгӕ спектакль. Премьера ацыд Стыр Уӕлахизы бон, фехъусын кодтой Sputnik театры пресс-службӕйы.
"Ныййарӕджы кадӕг" раздӕр дӕр уыд ӕнтыстджын, цалынмӕ дзы адӕмон артисткӕ Галуаны Людмила хъазыд, уӕдмӕ. Ныр дӕр йыл кӕсӕг сӕмбӕлд тынг хорз, равдысты кӕрон къухӕмдзӕгъд бирӕ рӕстӕг нӕ лӕууыд", - загъта уый.
Ног бакастӕй трагедийы хӕсты амӕттаг авд ӕфсымӕры ӕмӕ сӕ бинойнӕгты фӕлгонцтӕ сӕххӕст кодтой ӕрыгон фӕлтӕр.
"Гӕздӕнты авд ӕфсымӕрӕй ӕхсӕзы фӕлонцтӕ сӕххӕст кодтой актёрон факультеты студенттӕ, ӕвдӕм та уыд ӕвзонг актёр Туаты Аланы бӕрны. Ӕфсымӕрты бинойнӕгтӕ дӕр хъазынц студенткӕтӕ. Сӕйраг фӕлгонц та хъазы адӕмон артисткӕ Гӕджитӕ Инга", - бафтыдтой пресс-службӕйы.
Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры трагедимӕ ХХ ӕнусы сӕ хъусдард аздӕхтой фысджытӕ. Плиты Грис ыл ныффыста балладӕ, Гаглойты Владимир бацӕттӕ кодта пьесӕ "Ныййарӕджы кадӕг", поэт Расул Гамзатов ацы бинонты трагедийы бындурыл ныффыста йӕ ӕнӕмӕлгӕ ӕмдзӕвгӕ "Журавли", кӕцымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр бацӕттӕ кодтой зарӕг.
Гаглойты Владимиры пьесӕ "Ныййарӕджы кадӕг"-мӕ гӕсгӕ спектакль Хуссар Ирыстоны сценӕйыл сӕвӕрдта режиссер Дзуццаты Тамерлан.
© Пресс-служба ГДТХуссар Иры театры сценӕмӕ раздӕхтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди
Спектакль Сказ о матери - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2023
Хуссар Иры театры сценӕмӕ раздӕхтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди
Ног хабӕртты лентӕ
0