Киевы режим ивгъуыд къуырийы зиæнтты тыххæй Луганскы здæхты

© AP Photo / Bernat ArmangueКиевы режим ивгъуыд къуырийы зиæнтты тыххæй Луганскы здæхты
Киевы режим ивгъуыд къуырийы зиæнтты тыххæй Луганскы здæхты  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.07.2023
Рафыссын
Киевы режим ивгъуыд къуырийы дæргъы фесафтой æртæ мин æфсæддоны Луганскы здæхты. Уый тыххæй хъусын кæны РИА новости.
"Ивгъуыд къуырийы дæргъы УФ Гарзджын тыхтæ Луганскы тактикон здæхты ныхкъуырд радтой 50 тохы. Ликвидацигонд æрцыдысты украинаг æфсæддонтæй æртæ мины. Æрлæууын кодтой 14 украинаг диверсион-сгарæгон группæйæн", - зæгъта Луганскы Адæмон Республикæйы дæлбулкъон Андрей Марченко.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, афтæ ма куынæг æрцыдис автомобилон техникæйы 75 иуæджы, 45 згъæрджын хъæдтулгæ, 10 танк, уыдоны ᾿хсæн фæсарæйнаг рауагъд дæр, 40 ласгæ æмæ хæдцæугæ артиллерион системæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0