Гасситы Мурæт ауадздзæн йæ радон тох сентябры Баколе æви Валлины ныхмæ

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл – Sputnik. Уæрæсейаг боксер Гасситы Мурæт ауадздзæн йæ радон тох сентябры æмбисы, хъусын кæны "Матч ТВ".
Нысангонд æрцыд, боксеры ныхмæлæууæг кæй уыдзæн Отто Валлин æви Мартин Баколе.
Гасситы Мурæт йæ фæстаг тох ауагъта 2023 азы 3 марты, уый нокаутæй рамбылдта америкæйаг Майк Балогуны дыккаг раунды.
Отто Валлин професионалон рингыл рамбылдта 25 тохы, ис йын иу фæхæрд 2019 азы сентябры WBC архайгæ чемпион Тайсон Фьюрийæ. Уыцы тохы фæстæ Валлин рамбылдта фондз тохы.
Мартин Баколе рингыл ауагъта 20 тохы, уыдонæй 19 рамбылдта.
© SputnikМурат Гассиев: карточка спортсмена
Мурат Гассиев: карточка спортсмена - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Мурат Гассиев: карточка спортсмена
Ног хабӕртты лентӕ
0