Сидахъты Зауырбек рамбылдта фыццаг тох Дзæуджыхъæуы "Кубок Содружества"-йы

© Министерство спорта РСО-АланияСидахъты Зауырбек рамбылдта Дзæуджыхъæуы "Кубок Содружества"-йы
Сидахъты Зауырбек рамбылдта Дзæуджыхъæуы Кубок Содружества-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Олимпиаг чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Сидахъты Зауырбек райдыдта уæлахизæй Æхсæнадæмон ерысты нæлгоймæгты ᾿хсæн "Кубок Содружества"-йы, хъусын кæны 15-æм Регион.
Poddubny Wrestling League лигæйы радон турнир райдыдта цыппæрæмы Дзæуджыхъæуы, спорты галуан "Манеж"-ы. хайад дзы райсдзысты дунейы зынгонддæр атлеттæ, уыдонимæ иумæ олимпиаг чемпионтæ.
Фыццаг хæсты Сидахъон рамбылдта спортсмены Якутияйæ Станислав Свинобоевы. Хæсты фыццаг æмбис ирон атлет ауагъта хыгъд 6:0. Дыккаг хайы фæтыхджындæр кодта ныхмæлæууæгыл æлхъывд æмæ рæстæгæй раздæр рамбылдта.
Турнир фæуыдзæн 29 июлы изæры World Series форматы – дунейы хуыздæр хъæбысæйхæцджыты тохтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0