Махачкалайы срæмыгъды зæрдæхсайгæ хайадисæджы æркодтой Мæскуымæ

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæМахачкалайы срæмыгъды зæрдæхсайгæ хайадисæджы æркодтой Мæскуымæ
Махачкалайы срæмыгъды зæрдæхсайгæ хайадисæджы æркодтой Мæскуымæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг – Sputnik. Махачкалайы срæмыгъды зæрдæхсайгæ хайадисæджы æркодтой Мæскуымæ, хъусын кæны РИА Новости.
"Æфхæрыны мадзал йын рахæсдзæн Басманон тæрхондон", - загъта агентады ныхасæмбал.
Махачкалайы горæтгæрон 14 августы изæры ссыгъд автосервис, уый фæстæ арт апырх ис æртаджы станцыл æмæ æрцыд срæмыгъд. Уæрæсейы УУМ фехъусын кодта, зынгсирвæзты фæзуат кæй уыд 500 квадратон метры. Уагдоны фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмард сты 35 адæймаджы, 119 райстой цæфтæ, сæ нымæцы 20 сывæллоны.
Æхсæрдæс пациенты ракодтой хос кæнынмæ Мæскуымæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0