Моладзандон "Оптина Пустынь"-ы конд уазнывтӕй сфӕлынддзысты Джеры дзуар

© Sputnik / Наталья АйриянДжеры дзуар
Джеры дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джеры дзуары сӕвӕрдзысты адӕймаджы бӕрзӕндӕн хъӕдын уазнывтӕ. Сыгъдӕг фӕлгонцты бынат снысан кодтой кувӕндоны скӕсӕнварс, загъта Sputnik-ӕн Цхинвалы Мад Майрӕмы аргъуаны кусӕг Тыджыты Алан.
"Мӕскуыйаг меценат, кӕцы райгуырд Хуссар Ирыстоны, амӕй размӕ бабӕрӕг кодта Джеры дзуар ӕмӕ йӕ бафӕндыд балӕггад кӕнын ацы кувӕндонӕн. Уый амал кӕны Калугӕйы областы моладзандон "Оптина Пустынь"-ы дыууӕ егъау уазнывы", - загъта Тыджыты Алан.
Уый ма бафиппайдта, хӕрзгӕнӕг ма уымӕй дарддӕр самал кӕндзӕн кувӕндонӕн тулдзы хъӕдырмӕгӕй дуӕрттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0