Хуссар Ирыстоны фæсивæд райста хайад форум "Машук"-ы

© Photo : Пресс-служба ЮОГУХуссар Ирыстоны фæсивæд райста хайад форум "Машук"-ы
Хуссар Ирыстоны фæсивæд райста хайад форум Машук-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik. Хуссарирыстойнаг фæсивæдон делегаци райста хайад æхсæнадæмон форум "Машук"-ы æмæ æрызхдæхтис фæстæмæ хорз тæлмæнтимæ, фехъусын кодтой форумы хайадисджытæ Sputnik. Фæстаг хатт форумы хайад исынмæ республикæйæ ацыдысты 2019 азы.
"Мах уыдыстæм авдæй алыхуызон факультеттæй. Ацы аз форум æрныыл кодтой Ахуыргæнæджы азмæ, æмæ хайхадисджытæ сæ фылдæр уыдысты педагогтæ. Ахуырадон программæ уыд тынг парахат, боны дæргъы нын сæрибар рæстæг нæ уыд", - радзырдта форумы хайадисджытæ иу.
Афтæ ма форумы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ райстой хæрзиуджытæ спортивон ерыстæй.
Æхсæнадæмон фæсивæдон форум "Машук" æнгом кæны æвзонг адæмы 18 азæй 35 азмæ, йæ нысан у чи амоны, уыдоны сахуыр кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0