Лавров сæмбæлдзæн Сочийы Хуссар Иры президент æмæ ФХМ сæргълæууæгимæ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæЛавров сæмбæлдзæн Сочийы Хуссар Ирыстоны президент æмæ ФХМ сæргълæууæгимæ
Лавров сæмбæлдзæн Сочийы Хуссар Ирыстоны президент æмæ ФХМ сæргълæууæгимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров 3 октябры сæмбæлдзæн Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ республикæйы ФХМ сæргълæууæг Джиоты Æхсаримæ, фехъусын кодта къуырисæры уæрæсейаг дипломатон уагдон.
Уыцы бон ма Лавров сæмбæлдзæн Абхазы президент Аслан Бжания æмæ абхазаг фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбаимæ.
Куыд банысан кодтой УФ ФХМ, фембæлды æрныхасы сæр уыдзæн дывæрсон ахастыты, регионалон æмæ æхсæнадæмон проблематикæйы уæрæх актуалон фарстытæ.
"Æртывæрсыг æрныхасы рæстæджы хъусдард здæхт æрцæудзæн Женеваг дискусситы фæзуаты координацийы темæйæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл, хайад дзы райсдзысты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны официалон минæвæрттæ (Гуырдзыстон, Уæрæсейы æмæ АИШ-имæ иумæ) ЕЦ, ООН æмæ ОБСЕ æмсæрдариуæгæй", - радзырдтой ФХМ.
Дывæрсыг фембæлдты фæлгæтты министртæ æрфысдзысты 2024-2025 азты æддагполитикон уагдæтты ᾿хсæн консультациты нывæстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0