Путин ауадздзӕн стыр рабадт тыхон структурӕтӕ ӕмӕ хицауадимӕ Дагестаны цауты фӕдыл

© Sputnik / POOL /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ауадздзӕн рабадт тыхон структурӕты разамонджытӕ ӕмӕ хицауады уӕнгтимӕ Дагестаны цауты тыххӕй йӕ резиденцийы Ново-Огаревойы, хъусын кӕны РИА Новости бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Дмитрий Песковы ныхӕстӕ.
"Ацы темӕмӕ президент алыхатт дӕр здӕхта стыр хъусдард. Ӕрмӕст ивгъуыд къуыри паддзахады разамонӕг ауагъта фембӕлд Уӕрӕсейы конфесситы сӕргълӕуджытимӕ, цы ран дзырд цыд ацы темӕйыл дӕр", - загъта Песков.
Рабадт ацӕудзӕн изӕры 19.00 сахатыл, хайад дзы райсдзысты хицауады сӕрдар Михаил Мишустин, Федерацийы Советы спикер Валентина Матвиенко, Паддзахадон Думӕйы спикер Вячеслав Володин, УФ генпрокурор Игорь Краснов, УФ Фӕдагуырды комитеты сӕргълӕууӕг Александр Бастрыкин, УФ Ӕдасдзинады советы разамонӕджы хӕдивӕг Дмитрий Медведев, Ӕдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев, фыццаг вице-премьер Андрей Белоусов, ФХМ сӕргълӕууӕг Сергей Лавров, Хъахъхъӕнынады министрады разамонӕг Сергей Шойгу, ФӔС сӕргълӕууӕг Александр Бортников, Росгвардийы сӕргълӕууӕг Виктор Золотов, ӔРС директор Сергей Нарышкин, МХМ разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг Александр Горовой.
Ног хабӕртты лентӕ
0