Цхинвалы ацæудзæн Къудухты Бесикы номарæн гом турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæКъудухты Бесик
Къудухты Бесик - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацæудзæн Къухдухты Бесикы номарæн Республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй 24-æй 26-æм ноябрмæ, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
"Къудухты Бесик уыд рог уæзы иууыл курдиатджындæр хъæбысæйхæцæг. Уый æнустæм баззайдзæн хъæбысæйхæцджытæ, æмгæрттæ æмæ спорт уарзджыты зæрдæты æрмæст йæ спортивон æнтыстыты тыххæй нæ, фæлæ ма йæ адæймагон миниуджыты тыххæй", - банысан кодтой комитеты.
Ерысты организатор у фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет. Турнир ацæудзæн спорты Галуан "Олимп"-ы.
Ног хабӕртты лентӕ
0