Цхинвалы Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады боны бакæндзысты Кад æмæ цыты аллей

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады боны бакæндзысты Кад æцыты аллейы
Цхинвалы Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады боны бакæндзысты Кад æцыты аллейы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Ирыстоны зындгонд архайджыты бюсттимæ Кад æмæ цыты аллейы баконд ацæудзæн Хуыбылты Валерийы номыл Культурæ æмæ фæлладуадзын Стыр парчы Цхинвалы Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады боны, фехъусын кодта Sputnik горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Лолаты Жанна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зындгонд ирæтты бюсттæ республикæйæн балæвар кодта номдзыд меценат Гуырциаты Фридон.

"Аллей байгом кæндзысты нæ паддзахадон бæрæгбоны – 23 ноябры – бирæ уазджыты хайадистæй. Хонæм алкæйдæр хайад райсынмæ", - загъта столицæйы мэры хæдивæг.

Куыд банысан кодта Лолаты Жанна, афтæмæй бюсттæ сты номдзыд скульптор æмæ нывгæнæг Дзукаты Николайы арæзт. Уый размæ йæ армæй конд бюсттæ сæвæрдтой ХИПУ-йы раз.
Ног хабӕртты лентӕ
0