Хуссар Иры президент раарфæ кодта патриарх Кириллæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæМæскуы æмæ æппæт Уырысы патриарх Кирилл
Мæскуы æмæ æппæт Уырысы патриарх Кирилл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik. Мæскуы æмæ æппæт Уырысы патриарх Кирилл ссис рæстдинонтæн Хуыцауæн службæгæнæджы дæнцæг, дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы телы Патриарх Кириллæн йæ райгуырæн боны цытæн.
"Ды бирæ аразыс монон-фæткæвæрдон хæзнатæ бахъхъхъæнынæн, стыр хайбавæрд хæссыс æхсæндинон диалогы райрæзтмæ, æхсæнады иудзинад сфидар кæнынмæ", - банысан кодта РХИ президент.
Гаглойты Алан фидарæй загъта, иумæйаг архайды руаджы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмы иудзинад кæй райсдзæн дарддæры райрæзт патриарх Кириллы хайадистæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0