Транскамы бакодтой фæндагон змæлд

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы сног кодтой фæндагон змæлд, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй трассæ сæхгæдтой 20 ноябры æхсæвы æвзæр боныгъæд æмæ зæйты æрцыды тыххæй.
"Фæндаг кæй ссыгъдæг кодтой æмæ автотранспортон фæрæзтæн æдас змæлд сæххæст кæныны фадт кæй ис, уый фæдыл 15.10 сазатæй Транскавказаг автомагистраль бакодтой транспорты алы хуызтæн дæр", - дзырдæуы хъусинаджы.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0