Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. VIII сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. VIII сæр
Рафыссын
— Гъе, Бобо! Уым дæ, цы? — бахъæр кодта Гоги йæ бригады уæнг Бобомæ.
— О, Бобо, æддæмæ ма ракæс!
— Фæлæуу, фæцæуын! — райхъуыст мидæгæй Бобойы дзурын.
Гоги йæ иу къах йе 'ннæуыл æрбавæрдта, афтæмæй банцой кодта, дуары цур тута бæласыл. Уæдмæ Бобо дæр рацыд.
—Дæ хорзæхæй, куыд бирæ хуыссыс, Бобо, ныртæккæ афтæ æнæмæтæй хуыссын афон у? Уалдзæг нын нæ къæсæртæ куы хойы, — загъта Гоги, стæй йын йæ къух райста:
—Дæ райсом хорз!
—Хъæлдзæг райсомтæ дыл кæнæд æмæ æгас цу!
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0