Сау тымыгъ. Лæджыфыдхорæн аккаг хуын

Сау тымыгъ. Лæджыфыдхорæн аккаг хуын
Рафыссын
Сау тымыгъ. Лæджыфыдхорæн аккаг хуын
Æрдæг сыгъд, æрдæг пырх Чъребайы, гуырдзиаг Ломсадзе Гугутъайы хæдзары, райдзаст хатæны стъолы уæлхъус, йæ галиу къух йæ къæмисæнмæ сбыцæу кодта, афтæмæй бадтис Джугъели Валикъо æмæ бурбын гæххæттыл цы ныффыста, уымæ мидбылхудгæ каст. Йæ хъуыдытæй йæ фæиртæста дуары хъавгæ хост.
- Мидæмæ, кæцы дæ?! – ахъæр кодта лæг æмæ дуарырдæм фæкаст. Хъæдын уæззау дуар сындæггай æрбайгом æмæ дзы хъæлдзæгæй æрбахызт иу гвардион.
- Закария ды дæ?
- Æз дæн, дæ бæрзонддзинад. Дæ куырдиат æххæст æрцыд. Батъоно Валикъо, хуынхæссæг æд хуын тагъд æрбалæудзæн дæ уæлхъус, фæлæ ноджы хуыздæр хабармæ æрбайхъус. Джиоты Андри дæр ахст æрцыд æмæ ныккæнды лæзæры…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0