Нæ сывæллæтты моралон-фæткон хъомыладæн ис ахсджиаг бынат – Гататы Лали

© Sputnik / Наталья АйриянГататы Лали
Гататы Лали - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны æнахъомты хайадистæй уголовон фыдракæндты нымæц фæстаг 20 азы дæргъы фæкъаддæр, фæлæ уавæр уæддæр бирæ нæ фæхуыздæр. Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæджы Паддзахадон мыхуыр æмæ информацийы комитеты радзырдта Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хистæр Гататы Лали.
"Æнахъомты хайадистæй уголовон хъуыддæгты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Уыимæ иумæ хъæуы банысан кæнын, нæ фæсивæд арæх сæхи æвзæр кæй дарынц. Уымæн ахъаз сты бирæнымæц фактортæ. Бирæ ныййарджытæ сæвæрынц сæ хæстæ скъолайыл, уый та сæ æндæр искæмæ радæтты, уый фæстиуæгæн сывæллон баззайы æнæхицау. Махæн иууылдæр хъæуы бакусын. Нæ сывæллæтты моралон-фæткон хъомылад хъæуы фæхуыздæр кæнын", - загъта уый.
Гататы Лали бахахх кодта, зæгъгæ, моралон-фæткон хъомыладæн ис ахсджиаг бынат сывæллоны царды.
Ног хабӕртты лентӕ
0