Гаглойты Алан раарфæ кодта Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы кусджытæн

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы кусы æцæг профессионалтæ, кæцытæн сæ куыст ссис сæ царды æнæмæнгхъæугæ хай, банысан кодта республикæйы президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы службæйы кусджытæн, кæцытæ цыппæрæмы нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон.

"Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы кусынц æцæг профессионалтæ. Сымах бæрнон æмæ æмбаргæ ахаст дарут уæ разы лæууæг хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынмæ", - бахахх кодта президент.

Гаглойты Алан уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта службæйы ветерантæн – уыдон бавæрдтой традицитæ, кæцытæ абон дарддæр кæнынц кусджыты ныры фæлтæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0