Хуыцаумӕ скуывд ӕмӕ дзуарыцыдӕй банысан кӕндзысты Хуссар Иры Дзуарӕфтыд

© Sputnik / Natalia AiriyanДзуарӕфтыд
Дзуарӕфтыд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хуыцауы Дзуарӕфтыд банысан кӕндзысты Хуыцаумӕ скуывдӕй республикӕйы аргъуанты ӕмӕ дзуарыцыдӕй Леуахийы цӕугӕдонмӕ, фехъусын кодтой паддзахадон нысаниуӕджы мадзӕлттӕ уадзыны фӕдыл паддзахадон къамисы.
Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ майрӕмбоны, 19 январы, банысан кӕндзысты сӕйраг бӕрӕгбонтӕй иу – Хуыцауы Дзуарӕфтыд.
Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мады Майрӕмы аргъуаны литурги райдайдзӕн майрӕмбоны 10.00 сахатыл, уый фӕстӕ райдайдзӕн дзуарыцыд Леуахимӕ, цы ран ацӕудзӕн донаргъуыд.

"Донаргъуыды ӕхсӕв ма Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны райдайдзӕн службӕ 23.00 сахатыл, уый фӕстӕ Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы Чысыл Леуахийы сорганизаци кӕндзысты донаргъуыд", - банысан кодтой къамисы.

Мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад ӕххӕст кӕндзысты мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ.
"Донаргъуыд райсыны бынӕтты уыдзысты "тагъд ӕххуысы" каретӕтӕ ӕмӕ УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ. Ацы бынӕтты ма сӕвӕрдзысты хъарм палаткӕтӕ быдырон къӕбицимӕ. Афтӕ ма сорганизаци кӕндзысты транспорт доаргъуыды бынӕттӕм", - бафтыдтой къамисы.
Дзуарӕфтыды ӕдасдзинад ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрбаздахдзысты милицийы 100 кусӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0