Хуссар Ир банысан кӕндзӕн 8 Март егъау концертӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон драмон театр
Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн бӕрӕгбонон концерт Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн. Республикӕйы культурӕйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй концерт ацӕудзӕн 7 марты Паддзахадон драмон театры 15.00 сахатыл.
"Мадзалы программӕйы сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны курдиатджын артистты ирд ралӕудтӕ: музыкалон номыртӕ ӕмӕ кӕфтытӕ", - загътой министрады.
Театры сценӕйыл ралӕудзысты РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Хъӕбӕлоты Руслан, гармонист ӕмӕ зарӕггӕнӕг Лалыты Хъазбег, РХИ адӕмон артист, Цӕцӕны сгуыхт артист, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Бекъойты Вано ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Афтӕ ма Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн Цхинвалы администраци дӕр сорганизаци кӕндзӕн концерт.
"Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон у фыццаг уалдзыгон бӕрӕгбон, кӕцы мах банысан кӕндзыстӕм бӕрӕгбонон концертӕй Ирыстоны дыууӕ хайы эстрадӕйы стъалыты хайадистӕй", - загъта Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты дӕлхайады хистӕр Тасойты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал ацӕудзӕн 14 марты.
Ног хабӕртты лентӕ
0