Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Гаглойты Алан схъӕлӕс кодта Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты

© Sputnik / Михаил АвагимовГаглойты Алан схъӕлӕс кодта Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты
Гаглойты Алан схъӕлӕс кодта Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан схъӕлӕс кодта Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты.
Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕрбацыд ӕвзарӕн фадыгмӕ, кӕцы ис Уӕрӕсейы минӕварады территорийыл.
Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы ӕппӕт ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, хъуамӕ спайда кӕной сӕ конституцион барӕй.

"Мах хъуамӕ иууылдӕр ӕмбарӕм, уый кӕй у историон ӕвзӕрст ӕрмӕст Уӕрӕсе нӕ, фӕлӕ ӕппӕт уырыссаг дунейӕн", - бахахх кодта Гаглойты Алан.

УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.
Ног хабӕртты лентӕ
0