Хуссар Иры президент Ереды трагедийы тыххӕй: нӕ рыст нӕ нымӕг кӕны

© Sputnik / Natalia AiriyanЕреды трагеди
Ереды трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырисӕры мысынц Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, уымӕй мах зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам дунейӕн адӕймагдзинады ныхмӕ ӕвирхъау фыдракӕнды тыххӕй, фехъусын кодта республикӕйы президент Гаглойты Алан Ереды трагедийы 33-ӕм афӕдзы боны фӕдыл.
"Бирӕ азтӕ рацыд, фӕлӕ нӕ рыст нӕ нымӕг кӕны", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Гаглойты Алан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ацы ӕвирхъау цауы зиан кӕй баййӕфтой 25 адӕймаджы: сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты фӕнадтой, 12 нӕлгоймаджы та удӕгасӕй баныгӕдтой.
Президент бафтыдта, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны фыдракӕндтӕ рох никуы ӕрцӕудзысты.
"Мах хъуамӕ алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй Ереды, Цъинагары ӕмӕ Зары трагедийы хуызӕн цаутӕ макуыуал ӕрцӕуой. Дунейы ӕхсӕнад хъуамӕ банымайа ирӕтты геноцид", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ирон адӕмы чи фӕнд кодта скуынӕг кӕнын, уыдон ӕнӕфхӕрд куы баззайой, уӕд та фӕзындзӕн ног фыдракӕндтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0