Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта ИÆАМ форматы фембæлд

© Sputnik / Аманда Томаева Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта ИÆАМ форматы фембæлд
 Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта ИÆАМ форматы фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Арæнгæрон хъæу Эргнеты уагъд цæуы 118-æм фембæлд Инциденттæ ма руадзын æмæ сæ аиуварс кæныны Механизмты фæлгæтты.
Боны фæткы уыдзысты инциденттæ, кæцытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл ивгъуыд фембæлдæй фæстæмæ, афтæ ма гуманитарон фарстытæ. Уыимæ иумæ Хуссар Ирыстон æрныхас кæндзæн Уисты хъæуы æнæзаконон гуырдзиаг посты фарстыл.

ИÆАМ фæлгæтты фембæлдтæ уагъд цæуынц Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы фæлгæтты. Диалогы хайад исынц Хуссар Ирыстон, Уæрæсе, Гуырдзыстон, Евроцæдис æмæ ОБСЕ-йы минæвæрттæ.
© Sputnik / Аманда Томаева Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта ИÆАМ форматы фембæлд
Встреча в формате МПРИ на границе Южной Осетии и Грузии  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.03.2024
Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта ИÆАМ форматы фембæлд
Ног хабӕртты лентӕ
0