Бестауты Балайы ссæрибар кодтой экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады комитеты хистæры бынатæй

© Sputnik / Наталья АйриянБестауты Бала
Бестауты Бала  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ барамындæй ссæрибар кодта Бестауты Балайы геологи, экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады фæдыл комитеты разамонæджы бынатæй.
"Ссæрибар кæнын Бестауты Бала Иваны фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады фæдыл комитеты разамонæджы бынатæй", - дзырдæуы барамынды тексты, кæцы мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады фæдыл комитеты разамонæджы хæстæ æххæстгæнæгæй снысан кодтой уагдоны сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Хъæцмæзты Кеннедийы.
Дыууæ барамынд дæр сæ тыхы бацыдысты сæ бафысты бон – 21 марты.
Ног хабӕртты лентӕ
0