Хуссар Иры депутаттӕ ацӕудзысты гуманитарон миссиимӕ СӔО зонӕмӕ

© Sputnik / Михаил АвагимовРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты къорд апрелы райдайӕны ацӕудзӕн радон гуманитарон миссиимӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕмӕ (СӔО), хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Парламентон къорды разамонӕг Къуезерты Арсен банысан кодта, гуманитарон ӕххуыс кӕй ӕрӕмбырд кодтой парламенты депутатты мыздты хай рахицӕн кӕныны руаджы.
"Парламентариты активон хайадистӕй дарддӕр, кӕцы райдыдта ивгъуыд аз спикер Ӕлборты Аланы уынаффӕйӕ, иудадзыг ӕххуыс кӕнынц Национ банчы кусджытӕ, сӕ директор Джиоты Жанна. Ацы хатт акцимӕ ӕрбаиу сты "Дорэкспострой"-ы шофыртӕ, афтӕ ма сӕ хайбавӕрд бахастой ӕндӕр структурӕты кусджытӕ", - загъта Къуезерты Арсен.
Депутаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, СӔО зонӕмӕ цы къорд ацӕудзӕн, уый нырма кӕронмӕ арӕзт не ‘рцыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0