Мады мӕсыг. Уайдзӕф. Ног зӕхх. Мӕгуыр дӕ, иунӕг. Цины цӕссыгтӕ

Мады мӕсыг. Уайдзӕф. Ног зӕхх. Мӕгуыр дӕ, иунӕг. Цины цӕссыгтӕ
Рафыссын
Сослан Чъребайӕ Гурмӕ фӕндагыл фадхъулыонг рыджы куы лӕгӕрста, уӕдӕй фӕстӕмӕ Леуахийӕ Каспы денджызмӕ бирӕ дон фӕцыдис, сур зӕххыл дӕр цыдӕртӕ фӕивта…
Вагонӕй куы ӕрцӕйхызтис, уӕд ӕфсӕнвӕндаджы вокзалы агъуыстыл ауыдта дынджы дамгъӕтӕй фыст "ЦХИНВАЛ", ӕндӕра йын зын бауырнӕн уыдаид, кӕддӕры Чъребайы къаннӕг хӕдзӕртты алыварс ахӕм дардыл нырыккон горӕт сырӕзтаид, уый…
Сослан фембӕрста, горӕты йын бирӕ фенддаг бынӕттӕ уыдис, фӕлӕ уал ӕй ӕппӕты фыццаг бацаудын хъуыдис уазӕгдон ссарыныл. Чемодантӕ систа, бӕлццӕтты фӕдыл ныллӕггомау фӕтӕн гранитӕй асиныл ныххызтис ӕмӕ дардыл фӕзуаты февзӕрд…
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0