"Крокус"-ы теракты ӕххӕстгӕнджыты ӕрцахсыны хъуыддаджы чи расгуыхт, уыдон райстой хорзӕхтӕ

© Sputnik / Сергей Бобылев /  Ахизын медиабанкмæ"Крокус"-ы теракты ӕххӕстгӕнджыты ӕрцахсыны хъуыддаджы чи расгуыхт, уыдон райстой хорзӕхтӕ
Крокус-ы теракты ӕххӕстгӕнджыты ӕрцахсыны хъуыддаджы чи расгуыхт, уыдон райстой хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ расгуыхтысты "крокус сити холл"-ы теракты ӕххӕстгӕнджыты ӕрцахсыны хъуыддаджы Брянскы областы, радтой паддзахадон ӕмӕ уагдонон хорзӕхтӕ, фехъусын кодта РИА Новости Хъахъхъӕнынады министрадыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Инӕлар-лейтенант Эседулла Абачев радта ӕфсӕддонтӕн хорзӕхтӕ ӕмӕ сын саргъ кодта сӕ архайдӕн хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы. Сӕрмагонд скондӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ "За отвагу" ӕмӕ Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады майдантӕ "За боевые отличия", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Æхстытæ æмæ зынгзирæзт æрцыд 22 марты изæры концерты размæ "Крокус сити холл"-ы Мæскуыйы област Красногорскоейы. Залмæ бахызтысты цалдæр нæлгомайджы, уыдон райдыдтой æхсын адæмы æмæ сыл калдой рæмудзæн æрмæджытæ. Уæрæсейы Президент Владимир Путин расидт 24 марты æппæтнацион траур.
Ног хабӕртты лентӕ
0