Хуссар Иры хæхты февзæрдæр боныгъæд, Транскамы уары хуылыдз мит, бафæдзæхста УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хæхты февзæрдæр боныгъæд, Транскавказаг автомагистралыл уары хуылыдз мит, фæлæ трассæ кусы штатон режимы, фехъусын кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ дыццæджы.
"Ныртæккæ магистраль кусы штатон режимы. Трассæйы куысты ивындзинӕдты тыххӕй уӕлӕмхасӕй фехъусын кӕндзыстӕм", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0