Хуссар Иры ЦÆК 28 марты ауадздзæн парламентон кампанийы райдайæнæн нывонд рабадт

© ЦИК РЮО Хуссар Иры ЦÆК
Хуссар Иры ЦÆК  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы (ЦÆК) фыццаг рабадт VIII æрсидты депутатты æвзæрстыты фæдыл ацæудзæн цыппæрæмы. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны ЦÆК сæргълæууæг Гæджиты Эмилия.
"ЦÆК рабадт ацæудзæн 28 марты", - банысан кодта Гæджиты Эмилия.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисæры, 25 марты, официалон æгъдауæй снысан кодта радон парламентон æвзæрстыты датæ – уыдон ацæудзысты 2024 азы 9 июны.
Парламентон ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2024
Хуссар Иры парламенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны
Ног хабӕртты лентӕ
0