Америкæйæн 81 млрд доллары зиан æрхаста нау, кæцы сæмбæлд хидыл Балтиморы

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæНау
Нау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik. Америкæйы нау сæмбæлд хидыл, кæцы цæфы фæстиуæгæн ныккалд. Ацы цау зиан æрхаста Америкæйæн 81 млрд доллары бæрц.
"Хид куы ныппырх, уæд йæ куыст æрурæдта Америкæйы фарастæм бынатыл йæ гуырахстмæ гæсгæ цы порт цæуы, уый. Уым баззадысты 10 науы", - хъусын кæны Daily Mail.
Мониторингон ресурс Balticshipping-ы информацимæ гæсгæ, науы капитан гæнæн ис уыдаид Украинæйы æмбæстаг, хъусын кæны рауагъдад "Страна".
"Ацы цау расидт хаос Америкæйы базайрæгтæн, уымæн æмæ коллапс æрурæдта егъау порты куыст, кæцыйы уылты цæуы 52 милуан тонны базайрæгтæ иу азмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0