Транскамы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ транспорт ахаудта фæндаггæронмæ

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОТранскамы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ ахаудта фæндаггæронмæ
Транскамы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ ахаудта фæндаггæронмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Фæсарæйнаг маркæйы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын Транскавказаг автомагистралы, хæдтулгæ ахауд фæндаггæронмæ, йæ эвакуацийæн бахъуыд фæдзурын сæрмагонд техникæмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
"Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы бынатмæ æрцыдысты министрады ирвæзынгæнджытæ, кæцытæ уавæр басгарыны фæстæ фæдзырдтой автоманипулятормæ хæдтулгæйы эвакуацийæн, уымæн æмæ йæ быны баззад стыр дур, радзырдтой уагдоны.
Министрады бафæдзæхстой, цæмæй Транскамыл хъавгæ цыд кæной.
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2024
Хуссар Иры УУМ-ы радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0