Хуссар Иры МХМ сиды цæрджытæм, цæмæй сæхи хизой массон хъусинæгтæй социалон хызæгты

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæ Мессенджер Telegram
 Мессенджер Telegram - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) сиды республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæхи хизой массон хъусинæгтæй социалон хызæгты, фехъусын кодта уагдоны пресс-сулжбæ.
"Крокус"-ы теракты фæстæ уæрæсейаг скъоладзаутæ райдыдтой исын мессенджерты æмæ социалон хызæгты куырдиæттæ, цæмæй сæххæст кæной теракттæ алыгъуызон регионты.
Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты фæдыл фæткдаруаты хистæр, милицийы булкъон Гататы Лалийы ныхæстæм гæсгæ, провокацион хъусинæгтæ райстой Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны æнахъмты æхсæн ахæм цаутæ не сбæрæг кодтой.
"Уæ цæст дарут уæ сывæллæттæм, аныхас кæнут семæ ацы цаутыл, арæх сын-иу басгарут сæ телефонтæ. Сывæллæттæ хъуамæ ма тæрсой, цæмæй ахæм хъусинаг куы райсой, уæд уый тыххæй æвæстиатæй радзурой сæ ныййарджытæн", - банысан кодта Гататы Лали.
Уагдон æрсидт цæрджытæм, цæмæй террористон акт саразыны фæдыл хъусинаг куы райсой, уæд æвæстиатæй бадзурой мидхъуыддæгты органтæм ацы телефонтæм: 8-929-808-02-01, 45-21-02, 45-65-15.
Ног хабӕртты лентӕ
0