Транскамы сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд

© Sputnik / Владимир ИвановТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар – Sputnik. Транскамы сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд цыппӕрӕмы 17.00 сахаты онг, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Уӕлдӕфы хъӕрмад кӕй фӕфылдӕр ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзингад кӕй ис, уый фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕвджид уӕлвӕткон цауты фӕдыл къамис аскъуыддзаг кодта сӕхгӕнын Транскам 28 марты 10.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Транскавказаг автомагистралы фӕндагон змӕлды ивындзинӕдты тыххӕй уӕлӕмхасӕй фехъусын кӕндзысты, бафтыдтой министрады.
Ног хабӕртты лентӕ
0