Цъунары хъӕуы ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, зынгфӕдисонтӕ ӕвӕстиатӕй ахуыссын кодтой арт

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОЦъунары хъӕуы ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, зынгфӕдисонтӕ ӕвӕстиатӕй ахуыссын кодтой арт
Цъунары хъӕуы ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, зынгфӕдисонтӕ ӕвӕстиатӕй ахуыссын кодтой арт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисон къорд ӕвӕстиатӕй аиуварс кодта зынгсирвӕзт хисӕрмагонд хӕдзары республикӕйы Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Пецы трубӕйы стъӕлфӕнӕй ссыгъд сугдон, уый та гӕнӕн ис ӕркодтаид ӕвзӕр фӕстиуджытӕм. Фӕлӕ министрады зынгфӕдисонты профессионалон архайды руаджы арт ӕвӕстиатӕй ахуыссын кодтой", - радзырдтой уагдоны.
Зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой министрады.
Ног хабӕртты лентӕ
0