Уӕрӕсейы 1 апрелӕй фӕфылдӕр уыдзысты социалон пенситӕ

© Sputnik / Максим БлиновУӕрӕсейы 1 апрелӕй фӕфылдӕр уыдзысты социалон пенситӕ
Уӕрӕсейы 1 апрелӕй фӕфылдӕр уыдзысты социалон пенситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы 1 апрелӕй 7,5 проценты бӕрц фӕфылдӕр уыдзысты социалон пенситӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
"УФ пенсион паддзахадон пенсион ифтонгады фӕдыл" Федералон законы 25-ӕм статьямӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы хицауад рахаста уынаффӕ: снысан кӕнын социалон пенситы индексацийы коэфициент 2024 азы 1 апрелӕй 1,075 бӕрц", - дзырдӕуы УФ хицауады уынаффӕйы тексты.
Министрты кабинеты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы скъуыддзаг хауы цыппарӕй фылдӕр милуан адӕймагмӕ. Социалон фонды бюджеты ацы мадзӕлттӕн рахицӕн кодтой 37,5 миллиард сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0