https://sputnik-ossetia.com/20240403/leon-deya-farank-tsavar-namtta-avzarynts-tskhinvaly-sa-zangan--28583956.html
Леон, Дэя, Фӕранк: цавӕр нӕмттӕ ӕвзарынц Цхинвалы сӕ зӕнӕгӕн
Леон, Дэя, Фӕранк: цавӕр нӕмттӕ ӕвзарынц Цхинвалы сӕ зӕнӕгӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 2023 азӕй фӕстӕмӕ иууыл арӕхдӕр сывӕллӕттыл ӕвӕрынц нӕмттӕ София ӕмӕ Георгий, фехъусын кодта... 03.04.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-04-03T13:45+0300
2024-04-03T13:45+0300
2024-04-04T09:38+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/44/01/440104_0:52:6016:3436_1920x0_80_0_0_0885d94d1f6652d85629c2c6e1baf484.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 2023 азӕй фӕстӕмӕ иууыл арӕхдӕр сывӕллӕттыл ӕвӕрынц нӕмттӕ София ӕмӕ Георгий, фехъусын кодта Sputnik-ӕн ЗАГС-ы горӕты хайады хистӕр Тедеты Лиана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕ ис бинонтӕ, кӕцытӕ сӕ зӕнӕгӕн ӕвзарынц ӕнахуыр нӕмттӕ. Сӕ нымӕцы сты арабаг, славяйнаг ӕмӕ рагон ирон нӕмттӕ. "Фӕстаг рӕстӕджы цы ӕнахуыр нӕмттӕ бахъуыды кодтон куысты рӕстӕджы, уыдон сты: Леон, Дэя, Фӕранк, Эмир, Бега, Арсалан ӕмӕ Байсан", - бафтыдта уый. Статистикӕмӕ гӕсгӕ, фӕстаг дӕс азы Ирыстоны лӕппутӕн ӕвзарынц ирон нӕмттӕ, чызджытӕн та - фӕсарӕйнаг.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/44/01/440104_661:0:6016:4016_1920x0_80_0_0_65ab00279fed13f869488b09a90c951d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Леон, Дэя, Фӕранк: цавӕр нӕмттӕ ӕвзарынц Цхинвалы сӕ зӕнӕгӕн
13:45 03.04.2024 (Ранӕуӕггонд: 09:38 04.04.2024) ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 2023 азӕй фӕстӕмӕ иууыл арӕхдӕр сывӕллӕттыл ӕвӕрынц нӕмттӕ София ӕмӕ Георгий, фехъусын кодта Sputnik-ӕн ЗАГС-ы горӕты хайады хистӕр Тедеты Лиана.
"2023 азӕй фӕстӕмӕ нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цхинвалы чызджытыл ӕвӕрынц София, Мария ӕмӕ Алана. Лӕппутыл фылдӕр бӕрцӕй ӕвӕрынц ирон нӕмттӕ. Фондз иууыл популярондӕр нӕмтты номхыгъд у ахӕм: Георгий, Алан, Хох, Хетӕг ӕмӕ Барсӕг", - загъта Тедеты Лиана.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕ ис бинонтӕ, кӕцытӕ сӕ зӕнӕгӕн ӕвзарынц ӕнахуыр нӕмттӕ. Сӕ нымӕцы сты арабаг, славяйнаг ӕмӕ рагон ирон нӕмттӕ.
"Фӕстаг рӕстӕджы цы ӕнахуыр нӕмттӕ бахъуыды кодтон куысты рӕстӕджы, уыдон сты: Леон, Дэя, Фӕранк, Эмир, Бега, Арсалан ӕмӕ Байсан", - бафтыдта уый.
Статистикӕмӕ гӕсгӕ, фӕстаг дӕс азы Ирыстоны лӕппутӕн ӕвзарынц ирон нӕмттӕ, чызджытӕн та - фӕсарӕйнаг.