Цхинвалы ацӕудзӕн дыккаг чызджыты чемпионат шахматтӕй

© Sputnik / Элина ГабараеваШахматы
Шахматы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн дыккаг чызджыты чемпионат шахматтӕй, кӕцы аргъӕвтой Мӕскуыйы теракты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.
Чемпионат нысан уыд 24 мартмӕ, фӕлӕ шахматты Федераци аскъуыддзаг кодта спортивон мадзал ауадзын фӕстӕдӕр.

"Хуыцаубоны, 7 апрелы фӕнд кӕнӕн ауадзын республикӕйы дыккаг чемпионат чызджыты хсӕн. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 30 хъазӕгмӕ. Сӕ нымӕцы уыдзысты республикӕйы хуыздӕр чызджытӕ - шахматисттӕ Тыбылты Анна ӕмӕ Алана ӕмӕ Уанеты Валерия", - загъта Саулохты Георгий.

Уый ма бафиппайдта, ранымайгӕ чызджытӕ ӕрӕджы рамбылдтой Абхазы ӕхсӕнадӕмон турниры пьедестал.
Хуссар Ирыстоны Шахматты федераци арӕзт ӕрцыд 2016 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0