Къуаисайы сæвæрдзысты цыртдзæвæн СÆО зонæйы фæмардуæвæг хæстон Хуыгаты Радиславæн

Эсказ памятника Радиславу Хугаеву
Эсказ памятника Радиславу Хугаеву - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы Къуаисайы горæты сæнусон кæндзысты Хуыгаты Радиславы ном, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik-æн горæты мэры хæстæ æххæстгæнæг Зассеты Ибрагим.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фондзметрон цыртдзæвæн уыдзæн иунæг ахæм цырт æппæт Ирыстоны.
Хуыгаты Радислав 2022 азы марты йе ‘мхæстонтимæ бахаудта æрхъулайы, ирон хæстон райста цæф йæхимæ, цæмæй йæ хæлæрттæ ахизой уыцы позицитæй.
Цыртдзæвæн саhазыны хæрдзтæ йæхимæ райста амалиуæггæнæг, Къуыдаргомæй рацæугæ Хуыгаты Владислав. Афтæ ма цырт сæвæрынæн баххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад.
"Хъайтары цыртдзæвæн сæвæрдзысты Къуаисайы культурæйы хæдзары, йæ аргъ у 2 милуан 700 мин сомы. Ацы ран уыд премьер Джуссойты Константин, басгæрста арæзтады фæзуат. Районон æмæ республикон хицауад нын баххуыс кæндзысты техникæйæ", - банысан кодта Зассеты Ибрагим.
Ног хабӕртты лентӕ
0