Хуссар Ир дыццӕджы баззайдзӕн ӕнӕ хӕтӕлон интернетӕй

CC0 / 3844328 / RouterWi-Fi роутер
Wi-Fi роутер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы, 9 апрелы, ӕруромдзысты интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы куыст цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодтой компанийы офисы.
"Интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы куыст ӕруромдзысты 9.30 сахатӕй 16.00 сахаты онг магистралон куыстыты тыххӕй Алагир ӕмӕ Зӕрӕмӕджы ӕхсӕн", - банысан кодтой "Юг-Телеком"-ы.
Хуссар Ирыстоны "Юг-Телеком"-ы хӕтӕлон Интернетӕй пайда кӕнынц столицӕйы цӕрджытӕ, афтӕ ма цалдӕр хъӕуы цӕрджытӕ Дзауы ӕмӕ Цхинвалы районы.
Ног хабӕртты лентӕ
0