Уалыты Сосланы амарыны хъуыддаджы азымджынæн рахастой тæрхон 4 азы ахæст

© Sputnik / Наталья АйриянАхæстон
Ахæстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik. Цхинвалы тæрхондон рахаста 4 азы ахæст Сиукъаты Георгийæн, кæцыйы азымджын кæнынц Уалыты Сосланы (Цугри) амарыны хъуыддаджы.
Сикъаты Георгийæн ахæсты æмгъуыд нымайдзысты йæ æрцахсыны бонæй (2023 азы 18 апрелæй).
Уалыты Сосланы кардæй ныццавтой столицæйы центры 2023 азы 17 апрелы, рынчындонмæ йæ бакодтой удæгасæй, фæлæ дохтыртæн нæ бантыст йæ цард фервæзын кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0