Хуссар Ирæй феддæдуар кодтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы паддзахадон арæн фехалыны тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) радзырдтой, кæй æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстаг Гоча Асошвилийы, кæцы барæй рахызт паддзахадон арæны сæрты Ленингоры районы Æмдзæрины хъæуы цур.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны сæрты æнæзаконæй ахизыны тыххæй 2024 азы 5 апрелы хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнæн органтæ æрцахстой 1997 азы гуырд Гуырдзыстоны æмбæстаджы. Фæткхалæг барæй рахызт паддзахадон арæны сæрты Ленингоры районы Æмдзæрины хъæуы цур", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны "Паддзахадон арæны фæдыл" законы 14-æм статьямæ гæсгæ. Асошвилийы феддæдуар кодтой республикæйы территорийæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0